Плиты Сосланы бон райдайы сæумæрайсом. 6 сахатыл æркæсы йæ техникæйы уавæрмæ, сцæттæ йæ кæны кусынмæ. Къуылмпыдзинæдтæ рагацау аиуварс кæны. Æгуыстæй Сосланæн йæ бон минут дæр нæу. Фæкæсы иннæ специалисттæм дæр, ахуыр кæны ногдзинæдтæ базоныныл. Механизатор суæвын никуы фæнд кодта, фæлæ ныридæгæн йæ цард æнæ ацы дæсныйадæй нал уыны.
Фермерон хæдзарадæн 2003-æм азы бындур сæвæрдта Гуыбаты Валерий. Каст фæцис Паддзахадон аграрон университет. Уый фæстæ та 30 азæй фылдæр кодта зæххы куыст. Цы пæмидортæ зайын кодта, уыдон Красногоры хъуыды кæнынц абон дæр. Йæ фыды хъуыддаг абон дарддæр хæццæ кæны Руслан. Куыд дзуры, афтæмæй сæ баба дæр уыд фермер. Ацы куыст бинонтæн сси традици.
Егъау территорийы фæллой кæнынц 5 адæймаджы. Къорд у чысыл, фæлæ сæ алчи у профессионал. Ис сæм æппæт хъæугæ нырыккон техникæ æмæ хæдтулгæтæ: 6 тракторы, комбайнтæ, тауæн машинæтæ, культиватортæ.
Быдыры зайы нартхор, къабуска, мæнæу, хъæдур. Фæлæ тыллæг тæвд бонты тыххæй бæркадджын нæ вæййы. Ахæм проблемæ куыстуаты ис ныр æртæ азы дæргъы. Зæхкусджыты ныхасмæ гæсгæ, раздæр сезонмæ гектарæй истой 7 тоннæйы нартхор, ныр та 2 тоннæйæ чысыл фылдæр æрмæст. Сæ фæллой сæхгæны æрмæст хæрдзтæ. Зæхх хъæуы донхорыг кæнын.
Куыст нырма бирæ ис. Ныридæгæн, сæйраг нысан у — зæхх æфсадын, цæмæй тыллæг хъæздыгдæр кæна. Фæнд кæнынц стурвос парахат кæнын дæр.
















