Сабыр æмæ быхсон. Бедойты Валентинæ, куы бахъæуа, уæд цæттæ у мин хатты дæр бацамонынмæ, цалынмæ йæ ахуырдзау арæхсджынæй архайын нæ райдайа, уæдмæ. Сывæллæттæн æмбары сæ алы æнкъарæн дæр. Домаг, фæлæ фæлмæн. Æппынæдзух сабиты барæвдауы, схъæлдзæг сæ кæны.
Æмæ ныййарджытæ дæр разы сты. Хорз æнкъарынц йæ æнувыд ахаст сывæллæттæм. Уæдæ куыд? Æнусы æрдæг фæлтæрддзинад. Валентинæ схъомыл кодта бирæ курдиатджын сывæллæтты. Музыкæ бауарзта сабийæ. Ныр дæр ма хъуыды кæны йæ фыццаг музыкалон инструмент. Фортепиано йын балæвар кодта йæ нана.
Административон куыст дæр кодтон. Аст азы уыдтæн сывæллæтты аивæдты скъолайы директоры хæдивæг. Сфæнд кодтон мæ фæлтæрддзинадæй фæхай кæнын. Ныртæккæ ам ис æрыгон разамонджытæ, фæнды мæ уыдонмæ дæр фæкæсын. Сты лæмбынæг, сæ хъус æрдарынц мæ уынффæтæм. Бирæ ивддзинæдтæ бахастам.
Федералон программæ “Культурæйы хъæууон кусæг” фыццаг цалдæр азы бæлвырд кæны йæ ахадындзинад. Ныридæгæн авд фæлтæрдджын специалисты ссардтой куыст Цæгат Ирыстоны районты. Се ‘хсæн Бедойты Валентинæ дæр. Беслæны музыкалон скъола рагæй сси дыккаг хæдзар.
Ахуыр фæстæ райдыдтон Беслæны музыкалон скъолайы кусын. Уый уыд 80-æм æзты, уыцы скъолайы бакуыстон 13 азы, стæй горæтмæ рацыдтæн. Фæлæ афтæ рауад æмæ та ныр Беслæны скъолайы дæн.
Валентинæ разамынд дæтты 18 ахуырдзауæн. Уроктæ фæцæуынц къуыри дыууæ хатты, лæвар. Æвзонг Аделинæйы бæллиц у профессионалон музыкант суæвын. Æххуыс ын кæнынц йæ ныййарджытæ дæр. Чызг зæрдиагæй уарзы музыкæ æмæ æхсызгонæй фæцæуы репетицитæм.
Федералон программæйы фæлгæты районы культурæйы кусæндæтты фæллой кæнынц курдиатджын æмæ сæ дæсныйадыл æнувыд ахуыргæнджытæ, уыимæ ма æрыгæттæ дæр. Архайджытæ æппынкъаддæр хъуамæ 5 азы бакусой. Фæлæ сæ фылдæр контракт сæххæст кæнгæйæ дæр баззайынц.
Бедойты Валентинæ у нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг. Ис ын уæлдæр квалификацийы категори. Зоны кусын алы кары сывæллæтимæ, алыхуызон цæттæдзинадимæ. Алы ахуырдзаумæ дæр сæрмагонд ахастдзинад. Стыр куыст кæны ныййарджытимæ, методикон архайд. У фортепианойы хайады разамонæг. Æмæ мæ фæнды зæгъын программæ “Земский работник культуры”-йы фæрцы не скъола ссардта хуыздæр специалисты.
Программæйы кусджытæ райсынц фиддон милуан сомы. Фæлæ фæрæзтæ, æвæццæгæн, сæйрагдæр не сты. Ахсджиаг уый у, æмæ курдиатджын сывæллæттæ æппæт дарддзæф хъæуты дæр архайой музыкæйы, национ кæфтыты, цæуой театралон ахуыртæм, уыимæ рæзой сæ хуыздæр миниуджытæ.
















