Уырыссаг æмбисонды хуызæн – дзырд, дам, куы раттынц, уæд йæ сæххæстмæ æртæ азы æнхъæлмæ кæсын фæхъæуы. Раст уыйбæрц бахъуыд поселок Иры цæрджыты, цæмæй сæм æрдзон артаг фæхæццæ уа. Уæрæсейы президент æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг скодтой уыцы удæнцой хъæуы цæрджытæн. Зын бауырнæн у, абоны бон ма æнæ газæй исчи цæры, уый. Поселок Иры дæр се ’ппæтмæ уагъд нæма ’рцыд.
Поселок Ирмæ газ уагътой æртæ азы. Куыстытыл хардзгонд æрцыди 15 милуан сомы. Уыдонæй 6 милуаны радих кодтой нæ республикæйы бюджетæй.
Ныртæккæ дзы газ уадзыны куыстытæ фесты. Фæлæ æрдзон артаг æппæт хæдзæртты дæр нæма ис, уымæн æмæ йын бирæтæ нæ бафыстой. Газы хæтæлтæ хæдзæрттæм ирыхъæуккæгтæ хъуамæ сæхи хардзæй бауадзой. Уый та сæ дзыпп нæ амоны.
«Цæмæй газ бауадзой, уый тыххæй адæм хъуамæ ныффыссой курдиат, хъуамæ сæхæдæг бафидой, æмæ сын æй мæймæ сараздзысты. Мидæггаг куыстытæ дæр хъуамæ сæхæдæг скæной», – пос. Иры администрацийы сæргълæууæг Челæхсаты Алан загъта.
Икъоты бинонтæм газ ис. Цæмæй уыцы удæнцой бавзарой, уый тыххæй сæ бахъуыди се `хца сфæстауæрц кæнын. Фæлæ рæстæгмæйы къуылымпыдзинæдтæ уый аккаг уыдысты. Ныр къаддæр æхца хардз кæнынц электрон тыхæн, нал фидынц, баллонты цы газ ластой, уымæн дæр. Бинонты хъуыдымæ гæсгæ, хæтæлтæ бауадзынæн цы бахардз кодтой, уый сæм цыбыр рæстæгмæ фæстæмæ раздæхдзæн.
«Газимæ сæвæрдтай дæ чайник, æмæ рафыхти. Раздæр та бирæ фыстам рухсæн, хъармæн. Ныр нæ хæдзæртты хъарм. Бирæ хуыздæр у», – загъта пос. Иры цæрæг Икъоты Екатеринæ.
Хъæу газæй сифтонг кæныны хъуыддаг лыггонд æрцыди нæ бæстæйы президенты кусæнуаты фæрцы. Адæм сæ курдиат арвыстой Мæскуымæ, уырдыгæй та фыстæг æрхæццæ нæ республикæйы хицауадмæ. Битарты Вячеславы хæслæвæрдмæ гæсгæ, куыстытæ фесты цыбыр рæстæгмæ. Ныр чысыл æфтиæгтæ кæмæ хауы, уыдон сæ зæрдæ дарынц, газ бауадзынæй сын кæй баххуыс кæндзысты, ууыл.
Гуыбаты Людæ
















