Куыстуат “Аланияэнергосеть”-ы ацыд фæллой хъахъхъæныны бон. Мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Равдыстой йын сæрмагонд техникæйы 24 иуæджы гæнæнтæ. Регионы разамонæг ма федта, кусджытæн сæрмагонд уæлæ æмæ къахыдарæс ис æви нæ, уый. Уæлдай æргом аздæхтой, адæмы чи ласы, уыцы транспорты уавæрмæ. Равдыстой ма электрон æдасдзинады æвдисæндартæ, стæй вахтæйы журналтæ. “Аланияэнергосеть” куыстуат дзуапп дæтты республикæйы электрон хызæгты эксплуатацийæн. Ныртæккæ дзы фæллой кæнынц 200 адæймаджы.
















