Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æфсæддонтæн гумманитарон æххуысы иумæйаг центры разамонæг Андиаты Сосланы регионы разамонæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта “Ирыстоны намысы” майданæй.
Республикæйы сæргълæууæг Андиаты Сосланæн раарфæ кодта кадджын паддзахадон хæрзиуæджы фæдыл, загъта йын бузныг йæ æнæзæрдæхут æмæ бæстон куысты фæдыл. Бафтаудзыстæм ма, уый æмæ материалон-техникон æххуысы Центр ис Запорожьейы облæсты. Фæзынд Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Йæ сæйраг нысан сæрмагонд операцийы æфсæддонты æппæт хъæугæ дзауматæй ифтонг кæнын. Центр ма æмбæлгæ æххуыс кæны Запорожьейы облæсты цæрджытæн.
















