Уæллаг Ларсы уадзæн пункты фæндаг уæрæхдæр кæнынц. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгонд цæуынц федералон бюджеты фæрæзтæй. Уыцы иу рæстæг Уæллаг Ларсы уадзæн пункт кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.
Ацы уадзæн пунктæн стыр ахадындзинад ис. Ахъаз у сыхаг бæстæтимæ базарадон-экономикон бастдзинæдтæ фидар кæнынæн, стæй туристты æмæ æрбаласгæ продукцийы бæрц фæфылдæр кæнæн. Алы бон дæр ыл бирæ транспорт цæуы. Фæндаг куы фæуæрæхдæр кæной, уæд уадзæн пункты машинæтæ нал æмбырд кæндзысты. Фæндаггон фыдбылызтæ дæр дзы хъуамæ мауал уа. Фæфылдæр уыдзысты фæндаджы рæгътæ дæр. Фидæны ма базилдзысты контролон-уадзæн пунктмæ дæр, сифтонг æй кæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Куыстытæ фæзындзысты афæдзы кæронмæ.
















