Льготон кредиттæн Уæрæсейы хицауад рахай кæндзæн 20 миллиард сомæй фылдæр. Ныхас цæуы, пандемийæйы рæстæг йӕ амалхъомады куыст кӕмӕн фӕцудыдта, уыдоныл.
38 миллиад сомӕй фылдӕр хицауад рауæлдай кæндзæн чысыл æмæ рæстæмбис амалиуӕггӕнджыты куыстуæттæн. Уый тыххæй фехъусын кодта премьер-министр Михаил Мишустин. Хицауад архайы ууыл, цæмæй пандемийæйы рæстæг амалхъомады къабаз рохуаты ма баззайа. Ног кредиттæ дæтдзысты 1-æм ноябрæй афæдзы кæронмæ.
Ӕхца райсӕн уыдзӕн 3% уӕлӕмхасӕн фиддонимӕ, иумӕйагӕй алы кусӕгӕн ӕмбӕлгӕ ӕппынкъаддӕры мызды бӕрцы нымадӕй. Уый хыгъд фыццаг афæдзы ‘рдæг фадат уыдзæн кредиты ӕрвылмӕйон фиддонтӕ аргъӕвын фӕстӕдӕрмӕ. Уый фæстæ кредит бафидæн уыдæн афæдзы дæргъы рæстæмбис хæйттæй.
















