preloader
сейчас в эфире
01:52
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ. ДЗАУ 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:30
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ. АРТУР ТАЙМАЗОВ 12+
03:20
БОЛЬШОЕ ИНТЕРВЬЮ 12+
04:50
ЖИЗНЬ В СПОРТЕ 12+
05:30
МУЗЫКА 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ. ДЗАУ 12+
close

Магкæты Зурабы номыл 83 бирæуæладзыгон хæдзары цæрджыта хъаст кæнынц сæ уавæртыл

30.05.2024 13:27

Адæмы ныхæстæм гæсгæ, фатертæм канализацийы уылты тæхынц бындзытæм æмæ къогъотæ.

Магкæты Зурабы номыл уынджы 83 хæдзары 3-æм корпусы ныккæнды æмбырд кæны дон. Ахæм уавæрты ныридæгæн фæзынд ног цæрджытæ. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, фатертæм канализацийы уылты тæхынц бындзытæм æмæ къогъотæ. Хъуынайы тæф та цæуы суанг кæртмæ дæр. Фæзынди дзы уырытæ æмæ кæлмытæ дæр. Бирæуæладзыгон хæдзарыл цæуы æрмæст 7 азы. Уыцы æмгъуыдмæ, ам чысыл къуылымпыдзинæдтæ нæ сæвзæрд. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй рæдыдтытæ æрцыд арæзтады къæпхæныл.

Ам ис бирæ сывæллæттæ, фæлæ сæ рæстæг кæм æрвитой, ахæм бынат сын нæй. Ацы фæз ис заууат уавæры, ис дзы æрмæст иу хъеллаугæнæн, фæлæ ууыл дæр хъеллау кæнын у тæссаг. Хæдзарæн разамындæттæг компани “СтимулПлюс”-мæ ныффыстой æххуысы фæдыл курдиат. Уыдон сын сæ кæрты сарæзтой сывæллæттæн змисæй хъазæн бынат. Фæлæ уыйадыл, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, аивæгæнæн куыстытæ фесты.

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, разамындæттæг куыстуат райхалинаг фарстатæм се ‘ргом не здахынц. Проблемæ канд ныккæнды нæй. Зæрдæхсаинаг уавæры ис æхсæзæм уæладзыг æмæ цары æхсæн цы гæрæн ис, уый дæр. Къæвдайы рæстæм хæдзармæ фæкæлы дон, æртæдзы суанг асинтæм дæр. Цæрджытæ æххуысы фæдыл кæдæм ацæуой, уый нал зонынц. Электрон тыхы щиттæ вæййынц гом. Адæм сæ хъаст бахастой Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг префектурæмæ. Сæ курдиаты фæстæ сын сывæрдтой мæнæ ацы æртæ бандоны.

Хæдзарæн разамындæттæг компани “СтимулПлюс”-ы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы уынджы æцæг дæр фаг нæ аразынц, архайд цæуы æрмæст æвæстиаты лыггæнинаг фарстатæ иуварс кæныныл. Сыгъдæг кæнынц канализацитæ, ивынц рухсгæнæнтæ, дзыхъхъыты ныккалынц хуыр. Хъуыддаг афтæ у æмæ техникон лæггæдтæн фидынц æрмæст цæрджыты 4 процент. Магкæты Зурабы номыл уынджы 83 хæдзары 3-æм корпусы хæс ныридæгæн у 4 млн соммæ ‘ввахс. Хайады специалистты ныхæстæм гæсгæ, ныккæндтæ рацаразæн ногæй ис. Фæлæ уыцы куыстытæ домынц æхцайы фæрæзтæ. Уыимæ, чысыл нæ. Уый тыххæй хъæуы, цæмæй лæггæдтæн фидой цæрджыты 70%. Уый хыгъд, адæм не ‘мбæхсынц лæггæдтæн кæй нæ фидынц, уый. Цæмæн хъуамæ фидæм, зæгъгæ, кæд, æмæ ницы кусынц.

Цæрджытæ ма куыд радзырдтой, афтæмæй разамынддæттæг компани не ‘фснайынц подъездтæ æмæ кæртытæ. Нæ кæрдынц кæрдæг. Иу ныхасæй, фæзуатмæ æппындæр нæ зилынц. “СтимулПлюс” уый хыгъд зæгъынц, æппæт куыстытæ дæр кæй цæуынц фæткмæ гæсгæ, къуыри иу хатт. Æрвырбон сыгъдæг кæнынц бырондæттæ. Дзырдæн, бырондæттæ самал кодтой цæрджытæ сæхæдæг. Сæхæдæг балхæдтой рухсдæттæнтæ дæр. Цæрджытæ архайынц сæ кæрт æмæ хæдзармæ зилыныл, фæлæ æнæ разамындæттæг компанийы æхуыссæй уыцы хъуыддаг æнцон нæу. Уымæ гæсгæ цæрджытæ фæнд кæнынц æндæр компанимæ рахизын.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
12.09.2026 I Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
12.09.2026
12.09.2026 I Гвардия
12.09.2026
12.09.2026 I Кувæг Ир
12.09.2026
Миграцион фарстатыл кусæг хайæдты бон, «Зарница» æмæ программистты куыст | Йæ рæстæгыл
11.09.2026
НЭП в Осетии I Ход истории
11.09.2026
11.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
11.09.2026
10.09.2026 I Бизнес сфера
10.09.2026
Первенство России среди лиц с ПОДА, Второй фестиваль аутентичного кино «Алания» и актуальные новости недели I Самое время
10.09.2026
10.09.2026 I Ирон чат.Æгайт ма!
10.09.2026
Карамелæй арæзт адджынæгтæ æмæ хуызджын дидинджыты бон I Дæ райсом хорз Ирыстон
10.09.2026
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
Все рекомендуемое