Махачкалайы æппæтадæмон аэропорты уавæр æрсабыр кæнын бантыст. Уым дысон æхсæвы æрцыд змæстытæ. Ныртæккæ уавæрмæ сæ хъус дарынц барадхъахъхъæнæн оргæнтæ. Дарддæр аразынц сгарæн-агурæн мадзæлттæ, иртасынц аххосджынты.
Сæвзæрд уавæры тыххæй Цæгат Кавказы республикæты цæрджытæм фæсидт Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Йæ хъуыдытæ загъта Сергей Меняйло дæр. Дыууæйæ дæр курынц цæрджытæй, цæмæй ардауæн миты фæдыл ма цæуой. Цæгат Кавказы цæрынц бирæ адæмы хæттытæ. Ныртæккæ фæсарæнты архайынц, цæмæй бæстæйы æхсæнад кæрæдзийы ныхмæ суой æмæ уый æруадзæн нæй. Нæ тых ис нæ иудзинады, загътой хицауады уæнгтæ.
















