Рæстæг – изæры 7 сахаты. Æхсæнадон транспорты æрлæууæнты – бирæ адæм. Куысты фæстæ бæлццæтæ тагъд кæнынц сæ хæдзæрттæм, æнхъæлмæ кæсынц маршрутон такситæм, фæлæ фылдæр хатт фæндагыл афæстиат вæййынц. Автобусмæ бахъæуы 30 минутæй сахаты онг лæууын.
Арæхдæр æнхъæлмæ кæсын бахъæуы ссæдз минутæй суанг сахаты онг. Уæлдай дæр та изæры æхсæз сахаты фæстæ. Бирæ хатт ацафон афтæ рауайы, æмæ автобусты уæгъд бынæттæ нал вæййы, уæд бахъæуы таксийы лæггæдтæй спайда кæнын.
Уавæр хуыздæр нæу райсомæй дæр. Горæты сæйраг уынгты транспорты æрлæууæнты ӕдзух вӕййы бирæ адæм. Маршрутон такситы сбадын не ‘нтысы, вӕййынц дзаг. Æмæ та бахъæуы дарддæр æнхъæлмæ кæсын. Æмæ ма йæ бæлцæттæ куы зониккой, 5 минуты фæстæ иннæ автобус фæзындзæн, уæд ницы кæны, фæлæ æрвылбон бафæстиат вæййынц.
24-æм маршрут, цæрджытæ арæхдæр кæмæй пайда кæнынц, ахæм у. Йæ кæройнаг æрлæууæн – æмхæларад “Уалдзæг”-ы. Ардыгæй хæдтулгæтæ цæуынц 5 минутæй 5 минутмæ.
Райсомæй фæстæмæ линимæ рацæуынц 22 маршрутон таксийы. Æдæппæтæй та ацы маршруты ис 28 хæдтулгæйы. Цыды фæтк
æрвылбон сæрмагонд журналы нысан кæны диспетчер. Бæрæг кæны уавæр горæты транспорты управленийы минæвар Перисаты Алан дæр. Æмæ кæд адæм хъаст кæнынц, уæддæр кусджыты ныхæстæм гæсгæ, маршрут цæуы фæткмæ гæсгæ куыд райсомæй, афтæ изæрæй дæр. Ис дзы райхалинаг фарстатæ дæр.
Администрацийы минæвæрттæ ахæм мониторингтæ аразынц æппынæдзух. Фæстаг хатт рейды рацыдысты транспортмæ цæстдарды управлени æмæ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытимæ иумæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй маршруткæты фылдæр хай линимæ фæткмæ гæсгæ нæ рацæуынц.
Æхсæнадон транспорты фарстайыл дзырдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, системæ хъæуы рацаразын. Ардæм хауы куыд горæты, афтæ районты ‘хсæн транспорты куыст. Дзырдæн, республикæ къазнайæ райста 300 млн сомы бæрцæн сæрмагонд кредиттæ. Уыцы æхцайæ самал кæндзысты 32 автобусы. Кусдзысты Дзæуджыхъæуы. Хæстæгдæр рæстæг та Сергей Меняйлойы разамындæй ацæудзæн барадхъахъхъæнджытæ æмæ контролон-цæстдарæн ведомствоты минæвæрттимæ æмбырд. Уынаффæтæ рахæсдзысты бæлцæттæласæн транспорт фæхуыздæр кæныны фæдыл.
















