Сæрдыгон республикæйы хъæуты сæвзæры доны фарста. Се ‘хсæн Майрæмадаг дæр. Хъæуы бирæ азты дон цæуы къуылымпытимæ. Бынæттон цæрджыты уавæр тыхсын кæны. Сылгоймæгтæ райсомæй цæугæдонæй схæссынц дон. Бирæ азты фарста цæуылнæ иуварс кæнынц, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Гагкайты Анжелæ алы райсом цæугæдонæй æрбахæссы дон. Гæрзтæ ныхсы. Кæд хæдзары куыстытыл бафты, уæд та дон сдавынц сывæллæттæ. Хъæуы Гагкайты Анжелæйы уавæры бирæтæ сты. Гæрзтæ ныхсын нæ, фæлæ цæрджытæ райсомæй абанайы сæхимæ куыд базилой, уый дæр нæ вæййы. Фарста аиуварс кæныны тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыдысты.
Сылгоймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй кърант разылын æмæ дон бануазын сæм ныр кæсы бæллицаг хъуыддаг. Дон кæй нæй, уый аххосæй цæхæрадæтты халсартæ тыллæг нæ ратдзысты. Бахус сты. Уæдæ стурвос чи дары, уыдон дæр ййафынц къуылымпыдзинæдтæ.
Чехойты Лариса Майрæмададжы цæры 50 азæй фылдæр. Йæхи цас хъуыды кæны, уæдæй нырмæ донимæ фарста уыд алкæддæр. Сæрды та уæлдайдæр. Дон куы ракæлы, уæд дзы нæ вæййы тых, науæд та бынтондæр нæ ваййы.
Сылгоймаг куы зæгъы, афтæмæй йын амыдтой доны тыххæй счетчик сæвæрын. Фæлæ йæ нæ сæвæрдта. Уымæй уæлдай ма рахаста уынаффæ, донæн æппындæр ма фидын. Фæлæ иу хæдзары дон уæддæр ссардтам. Уый бынæттон цæрджыты дисы бафтыдта.
Фæлæ, не сфæлдастадон къорд куыддæр ацыд, афтæ нæм телефонæй æрбадзырдта хæдзары хицау æмæ нын фехъусын кодта, дон кæй бауырæдтой.
Алагиры районы администрацийынын радзырдтой, донимæ фарста арæхдæр сæвзæры зымæджы æмæ сæрды. Уый баст у донггуырæнимæ. Уыимæ ма дон цы хæдзæртты ис, уым æй ауадзынц цæхæрадæттæм. Уый аххосæй иннæ цæрджытæн дон нал фæфаг кæны.
Куыстытæ райдыдтой июлы. Ног дондзæуæн системæ Майрæмадагмæ уадзынц Дзуарыхъæуæй.
Куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Баххæст кæнын сæ фæнд кæнынц мæйы кæронмæ. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ног дондзæуæн системæйы руаджы фарста аиуварс кæндзысты. Ууыл зæрдæ дарынц фыццаджыдæр бынæттон цæрджытæ.
















