Мамысоны курортмæ хæстæг цы культурон объекттæ ис, уыдон цæудзысты хъахъхъæд. Уый тыххæй цыртдзæвæнты алыварс снысан кæндзысты сæрмагонд зонæтæ.
Уым арæзтадон куыстытæ кæнæн нæ уыдзæн, ныридæгæн цы арæзтад райдыдта, уый та бауромдзысты. Уыцы уынаффæ рахаста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æдæппæтæй сты 50 объекты, 27-æн дзы ис федералон ахадындзинад, 16-æн регионалон, 7 та сты ахсджиаг культурон бынтæ. 38 объектæн сæ хъахъхъæнæн арæнтæ сбæлвырд кодтой. Сты Калак, Тиб, Лисри, Згъил æмæ Тлийы. Уымæй уæлдай, культурон объектты консервацийы фæдыл дзуапдæттæг комитет аразы æппæт хъæугæ мадзæлттæ.
















