preloader
сейчас в эфире
05:35
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Дзæуджыхъæуы сарæзтой сæрмагонд армукъа «Мæгуырдзинадимæ тох»

27.06.2023 19:53

Фæрæзтæй спайда кæнын, хиуыл кусгæйæ æмæ, хъуыдытæ царды уадзгæйæ. Социалон контракт у æнæмæнг хъæугæ æххуысы фæрæз. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 2022-æм азы мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ, контракт чи райста, уыдоны æфтиæгтæ фæфылдæр сты 2 хатты.

Алыхуызон национ хæринæгтæ, сæракæй конд цымыдисаг дзауматæ æмæ ма хъазæнтæ дæр. Алкæмæн дæр дзы исты йæ зæрдæмæ æнæмæнг фæцæудзæн. Дзæуджыхъæуы сарæзтой сæрмагонд армукъа «Мæгуырдзинадимæ тох». Сæ кондад дзы равдыстой, социалон контратты руаджы йæ архайд чи æххæст кæны, уыцы амалхъом адæм. Паддзахады æххуысæй балхæдтой хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ æнтыстджынæй архайынц.


Басгæрдæджыты чысыл хуызтæ – ныртæккæ тынг парахат сты. Адæм сæ арæх райдыдтой хæрын, уымæн æмæ сты 5 хатты пайдадæр хуымæтæг басгæрдæджытæй. Адæймаг дзы пайда кæй исы, уымæ гæсгæ Анастасия Минаковайан ацы хъуыддаг йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Афæдзы размæ бафыста социалон контракт æмæ ныр архайы йæ куысты райрæзтыл.

Хи хъуыддаджы фыццаг къахдзæф акæнын æнцон нæу. Уый йæхæдæг бавзæрста Илья Стукалов. Ныр 5 азы дæргъы сæракæй кæны алыхуызон дзауматæ. Равзары æрмæстдæр хæрзхъæд сæрак. Скæны йыл нывæфтыдтæ дæр. Йæ сфæлдыстадон гæнæнтæ æмæ хъуыдытæ не ‘вгъау кæны. Архайы, цæмæй алы адæймаг дæр йæ конд дзауматы ‘хсæн ссара зæрдæмæдзæугæтæ. Фæлæ кæд Илья Стукалов йæхи тыхтæй райдыдта, уæддæр бахæццæ ахæм къæпхæнмæ, паддзахады æххуысы руаджы йæ архайд кæм адарддæр кодта.

Вæййы афтæ дæр – ис хъуыдытæ хи куыстуат саразынæн, фæрæзтæ та нæй. Уымæн та регионы архайы фæкæсынхъуаг цæрджытæн æххуысы программæ. Адæймагæн йæ бон у бафыссын социалон контракт паддзахадимæ. Æмæ афтæмæй хъуыдытæ царды рауадзын æмæ сæ мæнæ ахæм армукъаты равдисын.

Фæрæзтæй спайда кæнын, хиуыл кусгæйæ æмæ, хъуыдытæ царды уадзгæйæ. Социалон контракт у æнæмæнг хъæугæ æххуысы фæрæз. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 2022-æм азы мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ, контракт чи райста, уыдоны æфтиæгтæ фæфылдæр сты 2 хатты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Все рекомендуемое