Райсом гом кæны форум «Машук»-ы фыццаг фæлтæр. Цæгат кавказы форум баст у бизнес, ног технологитæ æмæ карьерæимæ. Цæгат Ирыстонæй сæ проекттæ равдисдзысты 89 адæймаджы. Уыдонæй бирæтæ форумы архайдзысты фыццаг хатт. Уæлдай ахсджиаг æмбырды сты социалон проектты арæзтад. Статистикæмæ гæсгæ 100% – 90 проценты се ргом сарæзтой социалон фарстатæ райхалын. Националон хъуыддаг дæр рохуаты нæу. Проектты хсæн; мультипликацион кинонывтæ æмæ иронау чи дзурынц ахæм хъазæнтæ сывæллæттæн. Æрыгон амалхъом адæмы фæнды адæмон сфæлдыстадыл дæр сахадын.
Форумы архайджытæ ацыдысты цæттæгæнæн къæпхæн. Тренингтæ æмæ дæсныйад æвдисæг ахуыртæ сын Машукы агъоммæ сарæзтой федералон эксперттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм ацы аз форум фæдæргъвæтин дæр кодтой. Дыууæйы бæсты дзы уыдзæн æртæ фæлтæры.
Дыккаг баст уыдзæн адæмты хсæн ахастдзинæдтæ æмæ социалон фарстатыл бакусынимæ. Архайдзысты дзы журналисттæ, медиаблогертæ, сфæлдыстадон дæсныйæдты минæвæрттæ. Æртыккаг фæлтæр та ацæудзæн «Я – лидер!», зæгъгæ лозунгимæ.
















