preloader
сейчас в эфире
23:33
ЕСТЬ НЮАНСЫ (2,3-АЯ СЕРИЯ) 16+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЕСТЬ НЮАНСЫ (2,3-АЯ СЕРИЯ) 16+
close

Хуссар Ирыстоны мысынц 2008-æм азы цы тугкалæн цаутæ æрцыд, уыдоны амæттæгты

8.08.2019 20:51

11 азы размæ, 8-æм августы цы тугкалæн цаутæ æрцыдысты, уыдон рох нæ уыдзысты.

Хуссар Ирыстоны 8-æм августы, 2008-æм азы цы тугкалæн цаутæ æрцыд, уыдоныл дарддæр дзурæм. Республикæйы историйы ныууагътой уæззау фæд. Ахæм бинонтæ дзы нæ разындзæн, быцæуы рæстæг йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ чи нæ рацыд. Сæ цард нæ бавгъау кодтой фыдыбæстæйы сæраппонд. Бирæтæ дзы, хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинад нал федтой. Ацы бонты сæ номыл мысæн мадзæлттæ арæзт цæуынц куыд нæ республикæйы, афтæ æгас Уæрæсейы дæр. Сæйрагдæртæ – Хуссар Ирыстоны.


Паддзахадон тырыса дæлæмæ уагъд. Хъыггæнæн бæласы цур дидинджытæ. Ацы бонты Хуссар Ирыстоны цæрджытæй фæсте ничи баззад. Куыд 11 азы размæ афтæ абон дæр æмгомæй мысынц æдзард хъайтарты нæмттæ. Парламенты асинты цур, ацы хатт дæр равæрдтой, гуырдзиаг агрессорты къухтæй чи фæмард, уыдоны къамтæ. Номарæн мадзалмæ чи æрбацыд, уыдонмæ сидгæйæ, Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий загъта, Гуырдзыйы раздæры президент Михаил Саакашвилийæ адæмæн цы стыр зиан æрхаста, уый æмбаргæйæ, дунейы æхсæнад дзы хъуамæ бадома дзуапп. Уыимæ раарфæ кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн æмæ хицауады сæрдар Дмирий Медведевæн, 2008-æм азы августы Хуссар Ирыстоны адæмæн цы стыр æххуыс бакодтой, уый фæдыл.

Мысæн мадзæлтты фæлгæты Хуссар Ирыстоны сарæзтой «Я обвиняю фашизм», зæгъгæ акци. Республикæйы цæрджытæ дарддæр дæр агурынц аххосджынты. Сæ цард æмæ сын хъысмæт дыууæ дихы чи фæкодта, уыдоны хъæуы бафхæрын.

11 азы размæ, 8-æм августы цы тугкалæн цаутæ æрцыдысты, уыдон рох нæ уыдзысты. Нæмгуыты æхссит æмæ срæмыгътыты хъæрæн кæрон дæр нæ уыд. Ахæм бинонтæ дзы нæ разындзæн, быцæуы рæстæг йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ чи нæ рацыд. Гыццылæй, стырæй сæ фыдæлты уæзæг знаджы къухæй тыдтой. Бирæтæ дзы, хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинад нал федтой. Уыцы зындонæн адæм ныббыхстой. Сæ иу 13 аздзыд Хуыгаты Аланæ. Кæд Дзау Цхинвалæй æдасдæр ран уыд, уæддæр рæмудзæн æрмæджыты æхситт хъуыстис ацы хъæумæ дæр. Ракетæты срæмыгъдтæй зæхх æзмæлыд суанг дæрддзæф хъæуты дæр. Æппæты фылдæр та Хуыгаты Аланæ тарст йæ хæстæджытæн – Цхинвалы баззадысты йæ ныййарджытæ.

2008 азы 8-æм август ирон адæмæн у трагедийы бон. Уыцы бон Ирыстоны истори дыууæ дихы акодта. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ мысынц хъайтарты. Уыдон тох кодтой сæ райгуырæн зæххы сæраппондыл. Хъыггæнæн мадзæлттæ сарæзтой ацы цауты фæдыл арæзт музейы дæр. Республикæйы цæрджытæ ардæм цыдысты бирæггæйдтæй.

Музейы цы 12 сыгъд хæдтулгæйы ис уыдон æрæмбæрзтой æфсæддон хуыз хъуымацæй. Адæм æхсæвы райдыдтой ардæм дидинджытæ хæссын. Се хсæн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Уый дæр сæвæрдта дидинджытæ августы цауты амæттæгты цыртдзæвæныл.

Алы ирон адæймагæн дæр цас фæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр сæрдыгон мæй август- нымад уыдзæн хъыггæнæн æмæ мысæн мæйыл. Сæ райгуырæн зæххы сæраппонд йæ цард цы хъайтартæ радтой, уыдон та рох никуы уыдзысты.

Брытъиаты Фелик

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Куссу I Вокзал для двоих
29.09.2026
Зелимхан Тохтиев I Профессиональный путь
29.09.2026
Къæмынты чиныгдон æмæ Нæртон куывд Горæтгæрон районы | Йæ рæстæгыл
29.09.2026
Ультрафиолетовое излучение I Разбор полетов
29.09.2026
Бæззаты Скиф — актёр ӕмӕ каскадер | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
29.09.2026
Хынцӕгты-Хъазиты Разитӕ I Фæрдгуытæ
28.09.2026
Алименты, донорство крови, конкурс наставников I Самое время
28.09.2026
Вам и не снилось! I Доброе утро, Осетия!
28.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — концерт «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Ко Дню города Владикавказ — специальный эфир «Владикавказ, я люблю тебя!»
27.09.2026
Казбек Цагараев | Статус тренер
27.09.2026
Рассеянный склероз | Медикум
27.09.2026
Дзамболат Дулаев | Светлые люди
26.09.2026
В своем кругу I 26.09.2026
26.09.2026
Бинонтæ I Хадыхъаты Франц æмæ Тинӕ
26.09.2026
Все рекомендуемое