Михаил Шаталов хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» орденæй. Бирæ азты æнтыстджын архайды фӕрцы республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæдыл.
Кадджын хæрзиуæг ын радта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг Михаил Шаталовæн раарфæ кодта йæ 80 азы юбилейы фæдыл. Фæнысан кодта, Дзæуджыхъæу æмæ, æмтгæй райсгæйæ, Цæгат Ирыстоны райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, уый. Йæ зæрдæ йын загъта фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон. Михаил Шаталов сæргълæууæгæн бузныджы ныхæстæ загъта, йæ зæрдæ йæ куыстæй куыд рухс кæна.
















