Тренировкæйы фыццаг минуттæ. Фæсивæд сæ уæнгтæ аивæзтой æмæ, тренеры амынддзинæдтæм хъусгæйæ, архайын райдыдтой. Кусынц тагъдад, фæразондзинад æмæ сæйрагдæр та раст цæфтыл. Сæ тыхджын уды хъæды руаджы ацы сæрæн лæппутæ Ирыстонмæ иу æмæ дыууæ майданы не сластой. 10-æм ноябры Саратовы Абдулманап Нурмагомедовы номыл цы æппæтуæрæсеон ерыстæ ацыдысты, уыдон æрбамбырд кодтой тыхджындæр богæлтты. Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ райстой клуб “Арс”-ы минæвæрттæ.
Цыбырты Эдуард æмæ Гобаты Чермен тох кодтой, ныхмæлæуджытæ фылдæр кæм ис, уыцы уæзы категори – 70 килограммы. Октагоны æрдхордимæ фембæлын æнцон нæу. Фæсивæд кæрæдзимæ нæ быцæу кодтой. Гобаты Чермен куыд загъта, афтæмæй йæ хæлары уæлахизыл цин кæны зæрдиагæй.
Финалы агъоммæ лæппутæн сæ дыууæйæн дæр уыд фæйнæ æртæ тохы. Иудадзыг уыдысты кæрæдзийы фарсмæ. Сæ тренертæ Къадзты Инал æмæ Геннадий сæ ерыстæм хорз бацæттæ кодтой. Залы-иу райсом-изæр арвыстой цалдæргай сахаттæ. Хæрды æмæ боны раст фæтк – æнтыстдзинады æнæмæнг æууæлтæ. “Лæппуты æнтыстытæ бæллиццаг сты, фæлæ спортсменæй бирæ æппæлæн нæй”, – зæгъы тренер Къадзты Инал.
Равдыстой ирд æмæ цымыдисаг хæбысхæст. Фæлæ ацы уæлахизтыл не ‘рлæудзысты. Разæй — ног ерыстæ. Профессионалон турнир ACA YOUNG EAGLES ацæудзæн январы Грознайы. Чермен æмæ Эдуард сæхи зæрдиагæй цӕттӕ кæнынц.
















