Туджы ӕлхьывдад сбарын ӕмӕ дзы туаггуыры ӕмвӕзад раиртасын, стӕй ма ӕндӕр процедурӕтӕ скӕнын. Ахæм фадат уыд Дзæуджыхъæуы базарадон центртæй иумӕ æрбацæуджытæн. Уым ацыд сæрмагонд акци. Снысан æй кодтой æнæниздзинады æппæтдунеон бонмæ.
Бархионтæ-медиктæ цæрджытæн байуæрстой информацион сыфтæ æмæ брошюрæтæ. Уым бæстон фыст æрцыд, алыхуызон низтæ рагагъоммæ куыд раиртасæн ис, уый тыххæй. Æрвылазон акци аразджытæ — республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад.
















