Цæгат Ирыстоны национ музейы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты 2019 азы кæрон. Æхцайы фæрæзтæ бахардз кæндзысты 490 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæны агентад ТАСС. Фæрæзтæ радих кæндзысты 2013-æм 2020 азты Уæрæсейы культурæ æмæ туризмы райрæзты программæйы фæлгæты. Рацарæзты фæстæ музейы фæзындзæн егъау æмæ райдзаст залтæ. Сифтонг сæ кæндзысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты ахæм кусæнгæрзтæй.
Бафтаудзыстæм ма уый Цæгат Кавказы рагондæр музейы рацарæзт бахастой «Уæрæсейы культурæйы 2006-æм 2011 азты» программæмæ. Æхцайы фæрæзтæ кæй нæ радих кодтой уый тыххæй куыстытæ иу æмæ дыууæ хатты не `рлæууыдысты.
















