Национ проектты райрæзтæн Цæгат Ирыстонæн ацы аз снысан кодтой 11 млрд сомæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады хæдзары сæрмагонд æмбырды рæстæг. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис.
Арæзтад, бындурон цалцæг æмæ рацарæзт ныртæккæ цæуы 87 объекты. Уымæй уæлдай, ног кæнынц фæндæгтæ, аивгонд цæуынц æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Национ проектты æххуысæй сывæллæтты рæвдауæндæтты фæзындзæн 1280 ног бынаты, — фæнысан кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Æрмæст «Демография»-йы фæлгæты ацы аз сарæзтой æртæ рæвдауæндоны — Хъарман-Сындзыхъæу, Дæллаг Саниба æмæ Джызæлы. Фондз та — Чермен, Новое, Хъызлар æмæ Дзæуджыхъæуы — байгом уыдзысты афæдзы кæронмæ.
Национ проектты æххуысæй Алагиры иуварсгонд цæуы донимæ баст риссаг фарста. Ныридæгæн горæты ауагътой 8 километры хæтæлтæ. Республикæйы Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, куыстыты фыццаг къæпхæнæн йæ 85% сæххæст кодтой. Æрдзырдтой, национ проект «Культура»-йы фæлгæты цы ногдзинæдтæ фæзындзæн, уыдоныл дæр. Профилон министр Галазты Эдуард куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Црау, Киевское, Терская, Сунжæ æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы хæдзæрттæ бындуронæй цалцæггонд цæуынц. Уымæй уæлдай, Дигорайы амайынц культурон центр, ноггонд цæуынц Æрхонкæйы Сывæллæтты аивæдты скъола æмæ Октябрскæйы Сывæллæтты музыкалон скъола дæр.
Дзанайты Барис æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæн бабар кодта, цæмæй национ проектты райрæзтмæ уа бæстон цæстдард. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой афойнадыл, уыимæ дзуапп дæттой æппæт домæнтæн.
















