Альцгеймеры æмæ онкологон низтæн хос скæнын. Уый фидæны æрхъуыдыдзинад нæу. Биомедицинон иртæстыты институты Дзæуджыхъæуы хайады æнæрынцойæ архайынц æппæт сусæгдзинæдтæ раиртасыныл. Фæлæ стыр хъуыддæгтыл стыр æхцатæ схардз кæнын хъæуы. Центрæн та тестытæн æмæ æндæр ахсджиаг иртæстытæн хца нæ фаг кæны. Кусджытæ зæрдæ дарынц æрмæст фæдералон æххуысыл.
Марджы ныхмæ — мармелад къафеттæ. Ахордтай дзы æмæ де `нæниздзинадыл бафтыд. Уый ног æрхъуыдыдзинад нæу, фæлæ, чи зоны, хæстæгдæр фидæн. Ахæм алæмæты диссаджы къафеттыл цæгатирыстойнаг ахуыргæндтæ цалдæр азы кусынц. Растдæр зæгъгæйæ, та медицинон-генетикон иртæстыты лабораторийы специалисттæ. Куыд зæгъынц афтæмæй æвдадзы хос адджын кæнынц алыхуызон кæрдæджытæй. Сæ къафетты пайдадзинадыл фидарæй æууæндынц.
Биометрикон иртæстыты институт у Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы центры хайад. Раззагдæртæй иуыл нымад у. Сæ куысты бæрæггæнæнтæ æмæ сæ æмвæзад тынг хорз сты. Ам уырытыл фæлварынц алыхуызон хостæ. Зæгъæм, адæймаджы нервыты системæ сдзæбæх кæнынæн. Уый та уымæн æмæ уырытæн сæ конд адæймаджы хуызæн у, стæй сæхи дæр мах хуызæн дарынц . Фидæны специалисттæ кусын райдайдзысты сæкæрнизы, склерозы, зæрдæйы æмæ тдадзинты низты ныхмæ хостæ саразыныл. Сæ ныхæстæм гæсгæ сын нæ фаг кæны æрмæстдæр æхца.
Алы къæпхæн дæр вазыгджын у. Йæ аргъ дæр ахадгæ. Ис ахæм дæнцæг: онкологон низы ныхмæ хос скæнæн ис акулæйы игæрæй. Цалдæр азы йæ рауадзын нæ къухы не фты. Хъæуы йын рæстæг æмæ фæрæзтæ. Мачи зæгъæд æмæ иртæстытæй пайда нæй. Бирæ æрхъуыдыдзинæдтæ ис, фæлæ сыл дарддæр кусын хъæуы.
Ахуыргæндты æрхъуыдыдзинæдтæ цæмæй апарахат уой, уый тыххæй специалисттæ фæархайынц федералон граннтæ рамбулыныл. Фæцæуынц форумтæм æмæ конференцитæм. Хъусын кæнынц сæ ногдзинæдтимæ, кæд сæм исчи сæ хъус æрдарид, зæгъгæ. Сæ наукон куыст иу уысм дæр нæ уадзынц. Уый нæ. фæлæ ма хъомыл кæнынц ног фæлтæр – суанг фæсарæнты дæр. Уырны сæ – фидæн æрыгæтты къухты ис.
















