Ног азы бæрæгбоны агъоммæ хихджын бæлæстæ уæлдай тынгдæр хъахъхъæнынц. Сæрмагонд цæстдард ис Алагиры, Æрæфы, Мæздæджы районты æмæ Дзæуджыхъæуы. Заз бæлас калгæ кæнæ ласгæ кæй феной хъæды хæдзарады кусджытæ, уый дзуапп дæтдзæн закъоны бындурыл. Рейдтæ кæндзысты пъæлицæйы кусджытимæ. Бæлас фадгæ кæй æрцахсой, уыдон дзуапп дæтдзысты административон æгъдауæй. Ивар та у 4 мин сомы хуымæтæг адæймагæй, юридикон бæрнондзинад чи хæссы, уый та йæ чыссæ раафтид кæндзæн 300 мин сомы онг.
















