«Новый город» микрорайоны алвæндаг цæрджытæ нымайынц зæрдæхсаинаг æмæ тæссагыл.
Зæгъæн ис, æмæ дзы æрвылбон æрцæуынц аваритæ. Фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнынæн алвæндаджы сæвæрдтой хъæугæ нысæнттæ, фæлæ уæддæр уавæр нæ аивта.
Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй «Новый город» микрорайоны цæрджытæ хъуамæ ныффысой курдиат бынаты сфетофор æмæ аразгæ цæлхдуртæ сæвæрынæн.
















