Уæрæсейы дарддæр хатдзæгтæ кæнынц æртæ боны æвзæрстытæн. Центрон æвзарæн къамисæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Паддзахадон думæйы 8-æм æмбырдмæ хаст æрцыд 8 партийы, иумандатон архайджытимæ нымайгæйæ.
Протоколты 99%-ыл бакусгæйæ куыд рабæрæг, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе»-йыл схъæлæс кодтой æвзарджыты 49%. Коммунистон партийыл — 8%, Уæрæсейы либерал-демократон партийыл — 7,5 %, политикон парти «Новые люди»-йыл та — 5 %. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы хатдзæгтæм гæсгæ, республикæйы фыццаг бынаты ис «Иугонд Уæрæсе». Партийыл схъæлæс кодтой цæрджыты 71%. Дыккаг бынаты – Коммунистты Парти, дарддæр — «Справедливая Россия – За Правду» æмæ Уæрæсейы либерал-демократон парти.
Республикæйы æвзæрстытæм æрбацыд цæрджыты 86%-æй фылдæр. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæуæлахиз Таймазты Артур. Æрæмбырд кодта 76%. Дарддæр Бестауты Сослан, схъæлæс ыл кодтой 5,5 %. Æртыккаг уыд Дидараты Сослан — 5, 33%.