Абон Уæрæсейы у мысæн æмæ хъыггæнæн бон. 1941-æм азы 22-æм июны немыцаг æфсæдтæ æрбабырстой Советон Цæдисмæ. 77 азы размæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.
Йæ цæхæры фæмард 27 милуан адæймаджы. Сæ номыл, абон Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы цæуынц мысæн мадзæлттæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст цыртдзæвæнты цурмæ адæм хæссынц дидинджытæ, судзынц цырæгътæ. Номарæн акцийы абон архайдтой республикæйы сæргълæууæг, хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ. Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ ацыд 90 мин адæймаджы. Се `рдæг сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Цæгат Ирыстоны 79 хæстонæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. 12-æй та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.
















