«Норильскникельремонт»-ы минæвæрттæ ссыдысты Ирыстонмæ куыстадон балцы. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты абон дзырдтой æмгуыстадыл. Сæрмагондæй ныхас кодтой студентон арæзтадон къордтæ, ахуырад, уыимæ рауагъдонтæн Норникелы куыстдæттыны фарстатыл.
Райсом компанийы минæвæрттæ фембæлдзысты уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты разамонджытимæ. Бабæрæг кæндзысты республикæйы студентон къордтæ, базонгæ уыдзысты сæ архайдимæ.
















