Мæйы райдайæнæй республикæйы расидтысты æфсады службæ кæнынмæ. Цæгат Ирыстоны кусы 9 къамисы. Æмбырдтæм ныридæгæн æрбацыд 300 адæймагæй фылдæр.
Æгас бæстæйæ æфсадмæ æрсидтмæ хауынц 147 мин адæймаджы. Уый у, фароны уалдзæгимæ абаргæйæ, 12 æмæ æрдæг мин адæймджы фылдæр. Цæгат Ирыстонæй æфсадмæ сидынц 900 адæймагæй фылдæрмæ. Цæуы сыл 18-æй 27 азы онг. Службæ кæндзысты афæдз.
Æрыгæтты æфсадмæ æрвитын райдайдзысты 20-æм апрелæй. Кампани фæуыдзæн 15-æм июлы.
















