Октябрскæйы ацы аз райдыдтой бынæттон фæлладуадзæн парк цалцæг кæнын. Кусджыты размæ бирæ хæстæ æвæрд ис. Фæлæ сæм цырд кæй февнæлдтой, уый руаджы тагъд рæстæджы фæлладуадзæн бынат хъуамæ йæ хуыз скала. Цæрджытæ дæр ацы хъуыддагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Рæстæгæй-рæстæгмæ абæрæг кæнынц парк, сæхи цæстæй фенынц куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый.
Октябрскæйы парк у цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иу. Кæддæриддæр дзы вæййы бирæ адæм. Фæлæ йæ арæзтæй абоны онг бындуронæй цалцæггонд никуы ма уыд. Уымæ гæсгæ йæ уавæр базилинаг сси. Дыууæ мæйы размæ парк аив кæнын райдыдтой. Уый бынæттон цæрджытæн æхсызгон хъуыддаг разынд. Рагæй йæм æнхъæлмæ кастысты.
Парчы цы рæстæг кусынц, уæдмæ раивтой цы коммуникацитæ дзы цæуынц, уыдон. Дондзæуæн æмæ хъармдæттæн хæтæлтæ. Фæзы къахвæндæгты зæронд уæлцъар систой. Йæ бæсты йын сæвæрдтой аив плиткæ. Фæзынд дзы ног бандæттæ дæр. Ныртæккæ куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц.
Октябрскæйы парчы цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц æнцонвадат цард аразыны фæдыл федералон программæйы фæлгæты. Ныр ма паркмæ дыууæ азы дæргъы зилдзысты. Йæ алыварс йын сæвæрдзысты ног быру. Фæзындзæн дзы ног рухсдæттæн системæ. Сæвæрдзысты дзы ног бырондæттæ дæр.
Парчы уыдзæн 4 фæлладуадзæн зонæйы. Куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр. Ацы зæронд аттракционтæ дæр раивдзысты ногтæй. Уыимæ ма, дзы фæзыдзæн амфитеатр дæр.
Зæгъæн ис, æмæ фæсивæдæн сæ рæстæг пайдаимæ æрвитынæн дзы æппæт хъæугæ уавæртæ дæр фæзындзæн.
Кæд нырма парчы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ нæма ахæццæ сты, уæддæр йе ‘ддаг бакаст зынгæ раивта.
Хуасдзауты Алинæ
















