Карз ныхмæлæудтæ æмæ алы баллы тыххæй дæр тох. Октябрьскæйы кæронмæ æрхæццæ республикæйы гом чемпионат грепплингæй. Ацы дисциплинæ парахат кæны. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, рæзы ерысты æмвæзад дæр. Трубунæтæй архайджытæн аргъ кæнынц кадджын уазджытæ. Се ‘хсæн физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Цырд ныхмæлæудтæ æмæ ерысгæнджыты архайд цымыдисы ‘фтауынц. Спортсментæ алы баллыл дæр кæронмæ тох кæнынц. Георгий Дорохов фæуæлахиз минут размæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ æнкъарæнтæ алыхуызон сты, фæлæ сæ нæ æвдисы, цæмæй йæ ма хъыгдарой.
Цымыдисаг ныхмæлæудтæм трибунæтæй кæсынц кадджын уазджытæ. Грепплинг универсалон дисциплинæйыл нымад у. Тох ММА-йы ахджиаг у. Уымæ гæсгæ залы сæмбырд бирæ богæлттæ æмхæццæ хъæбысхæсты чи архайынц, ахæмтæ. Тæрхонгæнджытæ та сты фæлтæрдджын тренертæ æмæ сгуыхт спортсментæ. Алкæмæндæр аргъ кæнынц йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ.
Алы тохмæ дæр бæстонæй кæсын хъæуы. Зæгъæм, спортсмен цырд куы нæ архайа, уæд ын тæрхонгæнæг фыццаг бауайдзæф кæны, уый фæстæ та йын йæ балтæй сисы. Ныхмæлæууæгмæ хæстæг куы нæ цæуа, уæддæр æй хъæуы бафхæрын. Грепплинг цырддзинад домы. Гауызыл хъæуы хъуыды кæнын æмæ уайтагъд хатдзæгтæ хынцын. Фидæны æнтыстджын чи суыдзæн, ахæм лæппутæ нæм бирæ ис, зæгъы дзуапдæттæг министр Хуадонты Артур.
Бекъойты Азæмæт йæ уæлахизæй фæсивæды тынг сразæнгард кодта. Ахæм турниртæ та сын фадат дæттынц сæ арæхстдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Октябрьскæйы спорты галуаны сæмбырд сæдæ адæймагæй фылдæр. Республикæйы гом турнир «Ирон хъайтартæ» сразыны хъæппæрис разынд Чысиаты Рустаммæ. Грепплингæй дунейы чемпионат ныр фæсивæды тынг разæнгард кæны.
Уæзты категоритæ алыхуызон сты. Ерыс кæнынц 12-æй 14 азы онг, 15-æй 17 азы онг æмæ 18-æй 20 азы онг спортсментæ. Афæдзы кæрон ма фæнд кæнынц ноджы иу турнир саразын. Фæсивæды цымыдис кæны ацы спорты хуыз æмæ хъæуы сæ фарсмæ балæууын.
















