preloader
сейчас в эфире
00:44
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Ольгинскæйы культурæйы хæдзары дала-фæндыртыл цæгъдæг къорд у республикæйы бирæнымæцондæр

13.05.2025 16:55

Ольгинскæйы культурæйы хæдзары кусы 1998-æм азæй. Уæдæй нырмæ схъомыл кодта фондз фæлтæры дала-фæндырдзæгъдджытæ.

Фæсивæдæн дæр стыр бæрæгбонæй уæлдай нæу сæ алы ‘рбамбырд. Раздæры ансамблы зæлтæ бас, альт, дыууæ фæндырæй фæхъæздыгдæр кодтой, æмхъæлæсæй сæ рауад æнæхъæн оркестр. Йæ музыкантты нымæц та 50-мæ хæццæ кæны. Сæ иу — Гæбæраты Сæрмæт. Дала-фæндырыл цæгъдын 2 азы размæ базыдта ам, Ольгинскæйы культурæйы хæдзары.

Æмæ кæд фидæны аивадон дæсныйады нæ уыны лæппу йæхи, уæддæр оркестры архайд ныууадзынвæнд нæ кæны. Æххуыс мын цы уа, ‘ндæр хъыгдаргæ, бæлвырд, ницы кæны музыкæ, — зæгъы Сæрмæт.

Касаты Аланæ та студенткæ у. Фидæны ахуыргæнæг ма 6-æм къласы уыд, дала фæндырыл фыццаг цагъд куы акодта, уæд. Мæ фыдыфсымæр-иу балалайкæйыл куы цагъта, уæд-иу æм ахæм тынг хæлæг кодтон, — мысы чызг.

Сæ ахуыргæнæг та — Кæлуты Людмилæ. Ольгинскæйы культурæйы хæдзары кусы 1998-æм азæй. Уæдæй нырмæ схъомыл кодта фондз фæлтæры дала-фæндырдзæгъдджытæ. Ногæй чи ‘рбацæуы, ахæмтæ ам æппынæдзух ис.

Аивад йæхæдæг æгæронæй чи уарзы, уый йын йæ рæсугъддзинад иннæтæн дæр ирдæй равдисы.

Уæвгæ, культурæйы хæдзары цард æнхъæвзы. Йæ алы агъуыст дæр сабийæ нæ зыны раст — сæдæгай сты.

Ольгинскæ – Ирон театры авдæн. Тотраты Бесæйы фарн дæлæмæ нæ уадзынц. Йæ ном цы адæмон театр хæссы, уым алы кары артисттæ дæр ис.

Оркестр “Иры зæлтæ” у æппæтуæрæсеон æркастыты æппынæдзухы хуыздæр. Музыканттæ конкурс “Душа баяна”-йы райстой дыккаг бынат, Железноводскæй та сластой сызгъæрин æмæ гран-при.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Все рекомендуемое