Куыстуарзаг æмæ рæсугъддзинад тауаг. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Ольгинскæйы цæрæг Боцуаты Ритæ. Сылгоймаг йæ хæдзары кæрты сарæзта дидинæгдон æмæ хуымæтæг нæу. Ныридæгæн æм зайы 70 хуызæй фылдæр дидинæджы. Йæ куыст уарзы удуæлдайæ. Нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ бабæрæг кодта алæмæты бынат æмæ базонгæ йæ хицауимæ. Йе ‘рмæгмæ йын бакæсæм.
Цæхдонгæрдæг Боцуаты Ритæйы цæхæрадоны, æвæццæгæн æмæ, у æппæты хуымæтæгдæр æмæ æнцонзылддæр. Ахæм хуызы стæм хатт рауайы сылгоймагæн цавæрдæр ног зайæгой байтауын æмæ йын йæ мыггаг апарахат кæнын. Арæхдæр ацы хъуыддагæн бахъæуы къорд рæстæг. Информаци ссары интернеты æмæ та йæхицæн фæзæгъы “Æнæбафæлваргæ мын æй нæй, хъуамæ йæ ӕрзайын кæнон”, зæгъгæ. Афтæмæй фынддæс азмæ йæ цæхæрæдонæй рауад æцæг алæмæты бынат.
Уардитæ, флокстæ, лилитæ, гортензитæ, хризонтемæтæ, гладиолустæ, иристæ æмæ ма алыхуызон бæлæстæ. Дидинæгдон сылгоймаг сарæзта йæ кæрты. Æдæппæтæй дзы ныртӕккӕ ис 70 хуызæй фылдæр мыггаджы. Æфтауын райдайынц рагуалдзæджы æмæ фæкалынц суанг фæззæджы онг. Сæ рæсугъддзинадæй сын канд бинонтæ сæхи нæ рæвдауынц.
Æрзилын зайæгойтыл, ратонын сын сæ хус сыфтæ, донæй сæ бафсадын æмæ семæ аныхас кæнын. Афтæ райдайы Ритæйы райсом. Æмæ кæд фæстаг цалдæр азы йе ‘нæниздзинад фæцудыдта, уæддæр йæ уарзон бынатыл йæ зæрдæ нæ ивы. Фæллад дзы нæ зоны, йæ тыхыл тых бафты, йæ алæмæты цæхæрады аууоны куы абады, уæд.
Алы дур дæр аив æвæрд æмæ урс чъырæй цагъд. Алы лыстӕгдзинадӕй дæр бӕрӕг у куыстмæ уарзондзинад. Кæмдæр къутæртæй кæсы дурæй конд къæбыла, чысыл дарддæр хизынц уæрыччытæ, бабызтæ, сæ фарсмæ та дурын æмæ суанг мæсыг дæр. Цæхæрадоны уæвгæйæ алы лыстæгдзинадыл дæр цæст æрхæцы. Адæймаджы фæфæнды ныккæсын кæрты астæу цы цъай ис, уырдæм, бавналын йæ фарсмæ цы хæрæг ис, уымæ. Æппæт ацы рæсугъддзинæдтыл кусынц бинонтæ иууылдæр. Ритæйы хъуыдымæ цы æрцæуы, уый сæххæст кæнынмæ баххуыс кæнынц йæ цот æмæ уыдоны хъæбултæ.
Зæххимæ кусын ахуыр у сылгоймаг, ӕмӕ йӕм канд дидинæгдон нæй. Йæ цæхæрадоны ис бирӕ алыхуызон дыргъбæлæстæ, гагадыргътæ суанг ма йын дзы инжир дæр зайы. Сылгоймаджы уарзынц æмæ йын кад кæнынц канд хъæубæсты нæ. Йе ‘нтыстдзинæдтæ йын хорз зонынц интернеты тыгъдады дæр. Йе сфæлдыстадимæ сæ зонгæ кæны йæ хъæбулы хъæбул Аслан. Боцуаты Ритæ йæхи хоны амондджын адæймаг. Йæ фарсмæ кæддæриддæр йе ‘ртæ хъæбулы æмæ авд хъæбулы хъæбулы. Цæрынц æнгом æмæ хæларæй.
















