Уӕрӕсейы нымæцон райрæзты министрад ӕмӕ бæстæйы хицауады цур Аналитикон центр Паддзахадон Лӕггӕдты скусын кодта сервис “Цӕстфӕлдахджытӕй хи хъахъхъӕнын хызы”. Лӕггад ныридӕгӕн ӕнцонвадат у пайдагӕнджытӕн. Сыфыл равæрдтой киберӕдасдзинады фæрæзтæ: нымæцон ахуырады курсыты хыгъд, цӕстфӕлдахӕн схемӕты базӕ — 86 схемӕйы ӕрфыстимӕ, зонындзинӕдтӕн аргъ кӕныны тест. Уымӕй уӕлдай ма ӕнцонвадат у «Кибербезопасность — это просто!», зæгъгæ, хай. Хицӕн блокты ис амынддзинæдтæ сывӕллӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕ адӕмӕн. Уыдонмæ ис уæлдай æргом здæхт.
















