Таймазты Артур æмæ Æлбегаты Барис æрныхас кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы рацарæзтыл. Фембæлдысты объекты æмæ сæхæдæг сбæрæг кодтой бакусинаг фарстатæ.
Семæ ма уыдысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты республикон хайады сæрдар Гæлиты Клим дæр, профилон министрадты æмæ ведомствæты разамонджытæ, бынæттон хиуынафæййады оргæнты минæвæрттæ æмæ бархионтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проект «Æнцонвадат цардархайд»-ыл хъæлæсгæнгæйæ, Дзæуыджыхъæуы цæрджытæ схъæлæс кодтой паркмæ базилыныл. Фæлладуадзæн бынат саив æмæ сцалцæг кæнынæн радих кодтой 75 милуан сомы. Проекты координатор, паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артуры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ афтæ бакæныны хъæуы, цæмæй фæлладуадзæн бынат йæ хуыз скала. Уыимæ конд уа нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ адæмæн æхцондзинад æмæ циндзинад хæсса. Парчы уыдзæн видеоцæстдарды системæ, ног рухсгæнæнтæ æмæ зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ. Цалцæггæнæн куыстытæ парчы историкон хуыз нæ аивдзысты. Ныртæккæ цы дизайн-проектыл кусынц, уымæн республикон профилон уагдæтты кæнынц экспертизæ. Кæд йæ сфидар кæной, уæд райдайдзысты аивгæнæн куыстытæ.Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынафæййады сæргълæууæг Æлбегаты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр цæуынц республикæйы культурон бынтæ хъахъхъæныны комитетимæ.
Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур: «Абон ардæм æрбацыдыстæм, фæнд кæнæм паркмæ бæстонæй æркæсын. Цы куыстытæ дзы цæудзысты, уыдонмæ лæмбынæг цæст дардзынæн, уый мæ хæсы лнымайын. Ацы парк у нæ адæмы истори æмæ Ирыстоны цæрджытæй алкæмæн дæр у зæрдылдарæн бынат. Хъуамæ бакусæм ууыл, цæмæй ам æдас уа фæллад уадзын дæр, тезгъо кæнынæн дæр. Архайдзыстæм ноджы рæсугъддæр куы уа, ууыл».
















