Æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сидзæртæн æмæ сывæллæттæн уæлæмхасæн æххуыс. Бæлвырддæр та цæрæнуат балхæнынæн сертификаттæ. Æхцайы фæрæзтæ аразгæ уыдзысты цæрæнуаты фæзуаты 33 квадратон метры бӕрцӕн. Сертификат райсыны фадат уыдзæн, 23 азы кæуыл сæххæст, тæрхонгонд чи нæ уыд, уыимæ наркотик кæнæ карз нозты ахæсты чи нæй, уыдонӕн. Фиддонтæ фыст цæудзысты республикæйы бюджетæй. Республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисы фарс рахæцыдысты парламенты депутаттæ.
Бæрнон кусджытæ ныхас кодтой ахуырадон уагдæтты цалцæгæн субсидитæ дæттыныл. Раздæр уыцы фæндон нæ бæстæйы хицауадмæ бахастой Севастополы минæвæрттæ. Уыцы закъоныпроекты хыгъдмæ бахæсдзысты бæстыхæйтты фæзуат аивгæнæн куыстытæ, хæдтулгæтæн æрлæууæнтæ, спортивон фæзтæ æмæ хъæбæр хауæццæгтæн сæрмагонд бынæттæм базилыны хъуыды. Уымæй уæлдай ма инженерон хызæгты ифтонгад æмæ быруты рацарæзт дæр.
















