Космосы сусæгдзинæдтæ базоныны фадат абон фæци Алагиры студенттæн. Фæсивæдæн равдыстой планетарийы ахуыргæнæн-тренажерон центры. Сæхи бафæлвæрдтой космонавты бынаты. Уымæй уæлдай ма афæлгæстысты Фыдыбæстæйы стыр хæсты музейы экспонаттыл.
Космосы тыгъдады зилын, хæстæг бацæуын планетæтæм æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дуджы февзæрын. Алагиры Хъæды техникумы студенттæ абон бирæ æмбисонды æнкъарæнтæ бавзæрстой. Сæ иу, Мсойты Солтан куыд радзырдта, афæмæй планетарий æмæ мидхъуыддæгты министрады музейы фыццаг хатт уыд.
Хъæды техникумы астрономи ахуыр кæнын райдайынц фыццæгæм курсæй. Дзугкойты Мæдинæйæн у йæ уарзондæр предметтæй иу. Тынг разыйæ баззад.
Дарддæр бабæрæг кодтой Мидхъуыддæгты министрады музей. Ам дæс залы мидæг æвдыст цæуынц Уæрæсæйы историйы æппæт къæпхæнтæ.
Ахæм фадат фæсивæдæн фæзынди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Алагираг хайады хъæппæрисы руаджы. Сæйраг нысан – ахуырдзаутæн теориимæ иумæ дæттын практикон зонындзинæдтæ дæр.
Экскурсийы кæронбæттæны студенттæ сарæзтой акци «СТОП Наркотики», зæгъгæ. Адæмæн лæвæрдтой брошюрæтæ, наркотиктæ цы зиан хæсынц, уый æмбарынæн.
















