Пенсиисджыты нымæц Цæгат Ирыстоны фæфылдæр. Бафтыд сæм дыууæ мин адæймагæй фылдæр.
5 мæймæ нæ республикæйы Пенсион Фонды куысты фæрцы паддзахадон æмæ фæдзæхстадон пенситæй снысан кодтой 2 142 хуызы. Уыдонæй 1 372 сты кармæ гæсгæ фæдзæхстадон пенситæ: 856 сылгоймагæн æмæ 516 нæлгоймагæн.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй адæймаг фæдзæхстадон пенси райса, уый тыххæй хъуамæ йæ куысты æмгъуыд уа 11 азæй фылдæр. Уымæй уæлдай, куысты æмгъуыд, стæй коэффицентты нымæц та азæй азмæ фылдæр кæны.
Пенсион Фонды куыд хъусын кæнынц, афтæмæй 2024 азмæ куысты æмгъуыд хъуамæ уа 15 азы. 2025 азмæ та куысты коэффиценты нымæц схиздзæн 30-мæ.