Æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл мидхъуыддæгты министрады кусджытæ цæстфæлдахджыты ныхмæ дарддæр аразынц профилактикон мадзæлттæ.
Ныхас кæнынц сæрмагонд хыгъды кæй снысан кодтой, уыцы бинонтимæ, сæ сыхæгтимæ æмæ горæты уынгты цæуæг адæмимæ. Сæрмагонд цæстдард аздæхтой чырæ телефонæй цы цæстфæлдахæн митæ кæнынц закъонхалджытæ, уымæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, дызæрдыккаг номыртæй чи æрбадзуры, уыдонæн хи тыххæй информаци дзурын нæ хъæуы, бахъуаджы рæстæг та пъæлицæйæгтæм бадзурын æмæ сын закъонхæлды тыххæй фехъусын кæнын.
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ ма фæсидтысты адæммæ, цæмæй се `нæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй, сæ хæдзæртты лæууой. Бахъуаджы рæстæг та бадзурой радхæссæг хайадмæ 02 номырмæ.
















