Ног технологитимæ кусынæн æрыгон уæвын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Компьютерон ерысты 7-æм æппæтуæрæсеон чемпионаты регионалон къæпхæны архайджытæ уымæн æвдисæн. Тох бацайдагъ 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ 55 азæй хистæр сылгоймæгты хсæн. Ерысты рæстæг сæ хъуыд цалдæр хæслæвæрды сæххæст кæнын. Куыд сыл бакуыстой, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Гæцойты Эммæ нырыккон технлогитимæ тынг лымæн у, уымæ гæсгæ уарзы йæ уæгъд рæстæг компьютеры раз арвитын. Уыцы архайд ын æнцойдзинад хæссы. Цæуы йыл 69 азы, фæлæ компьютеримæ архайынмæ фæсивæдæй æвзæрдæр нæ арæхсы. Уæдæ йæ хуымæтæг хиирхæфсæн фæрæзыл дæр нæ нымайы, йæ рæстæгдæр дзæгъæлы нæ хардз кæны. Электрон лæггæдты æххуыссæй базоны фæстаг хабæрттæ, уæдæ дзы йæ бон паддзахадон лæггæдтæ бафидын дæр вæййы. Конкурсы тыххæй æнæнхъæлæджы базыдта, уæдæ дзы бацархайа æви нæ йыл, ууыл бирæ нæ хъуыды кодта. Ахæм конкурсы фыццаг хатт архайы. Йæ размæ сæвæрдта хæс – йæ компьютерон зонындзинæдтæ иттæг хорз равдисын.
Конкурсы архайæг Гæцойты Эммæ: «Интернетæй 10 азæй фылдæр пайда кæнын, уый мæ куысты тынг бахъæуы. Ныртæккæ мæ фенæн ис алыхуызон сайтты: одноклассникты, фейсбукы, уæдæ электрон постæй дæр пайда кæнын. Ме`мбæлттимæ скайпы руаджы аныхас кæнын».
Цæгат Ирыстоны ацы Æппæтуæрæсеон компьютерон ерыстæ фыццаг хатт нæ цæуынц, систы традицион. Йæ аразджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй, конкурсы бацархайыны фæнд кæмæн фæзыны, уыдон азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Баиу вæййынц цалдæр фæлтæры, уымæн æмæ хистæр кары адæм ацы хъуыддаджы сæхимæ æрыгæттæй цауддæр нæ кæсын. Компьтерыл афтæ сахуыр вæййынц æмæ ног технологитимæ сдзурынц иу æвзагыл.
Людмила Макарова: «Æрвылаз пенстионертæн ахуыргæнæндæтты саразæм ахуыртæ. Нæхицæн фæнысан кæнæм хуыздæр кæмæн уайы æмæ цымыдисдзинад фылдæр кæмæ ис, уыдоныл дæр цæст æрæвæрæм. Уый фæстæ сæ фæхонæм конкурсы архайынмæ.Тынг æхсызгон нын у, ахæм хуызы ахайд нæ республикæйы уарзон кæй ссис, уый».
Компьютерон ерысты уыдис 4 хæслæвæрды. Сæ иуæй-иннæ зындæр.Агурæн системæтимæ куыст. Word-ы рæдыдтæ сраст кæнын, раст сбæлвырд кæнын Дзæуджыхъæуæй сыхаг горæттæм маршрут. Хæслæвæрдтæ сæ фылдæрæн уыдысты тынг æнцон. Кæронбæттæн хæслæвæрд та уыд электрон лæггæдты æххуыссæй паддзахадон лæггæдтæн бафидын. Уый – бирæты бон бакæнын нæ бацис. Конкурсы раззагдæрты хсæн уыд Анатолий Шаповалов дæр. Компьютерыл бынтон хорз нæ арæхсы. Фæлæ иу ран дæр нæ лæууы.
Анатолий Шаповалов: «Хæслæвæрдтæ сæххæст кодтон. Къуылымпыдзинæдтæ мын уыд интернетимæ кусгæйæ. Яндексы нæ ссарын хъуыд Цæгат Кавказы зындгонд улæфæн бынат – Пятигорскы официалон сайт. Уый фæстæ ацы горæты тыххæй æрмæджытæ хъуамæ сæрмагонд папкæмæ бахасстаиккам».
Ацы аз архайджытæ уыдысты 10. уыдысты домæнтæ дæр: нæлгоймæгтæ хъуамæ уой 60 азæй, сылгоймæгтæ та 55 азæй хистæр хъуамæ ма уой. Алкæмæдæр сæ хъуамæ зона сæйраг зонындзинæдтæ. Ерысты кæронбæттæны хъуамæ сбæрæг кæной дыууæ уæлахиздзауы. 5-æм æмæ 8-æм июны та сæ ног фæлварæнтæ сæххæст кæнын. Ерыстæ уыдзысты Пятигорскы. Архайдзысты дзы канд Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы регионты нæ, фæлæ сыхаг бæстæты минæвæрттæ дæр.
















