Рахизфарсы æмæ Æрыдоны районты нысангонд æрцыд æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд æмбырды. Нысангонд æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, тыхджын тæрккъæвдатæй их æмæ дымгæимæ хъыгдæрд баййæфтой хæдзæрттæ, хуымгæндтæ, дымгæ æртыдта электрон тых дæттæн телтæ, афæлдæхдысты бæлæстæ. Фарныхъæу æмæ Ног Бæтæхъойыхъæуы кæцыдæр бынæтты нæй газ æмæ электрон тых. Сæрмагонд службæтæ æхсæвæй фæстæмæ иуварс кæнынц боныхъæды фæстиуджытæ. Æппæт æрмæджытæй æххæст сты. Уымæй уæлдай ма республикæйы прокуратурæ снысан кодта басгæрст æнæнхъæлæджы уавæры фæстиуджытæ закъонмæ гæсгæ куыд иуварсгонд цæуынц, уый фæдыл.
















