Хæдзары сæр пырхытæ, уынгтæ доны доны бын фесты, алывæрсты фæлдæхт бæлæстæ. Цалдæр къуырийы размæ æрдзон фыдбылыз Цæгат Ирыстоны цæрджыты сагъæсы бафтыдта. Йæ аххосæй хъыгдæрд баййæфтой Рахизфарсы æмæ Æрыдоны районтæ. Уæвгæ, кæд рӕстæг рацыд, уæддæр йæ фæстиуджытæ иуварсгонд нæма ‘рцыдысты. Цæрджытæй кæцыдæрты хъæуы хи хъарутæй архайын, æлхæнын арæзтадон æрмæджытæ.
Уæлахизы уынджы цæрджытæ нырма архайынц тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Кадиты Иринæ цæры уæллаг уæладзыджы. Йæ фатер, иннæтимæ абаргæйæ, тынгдæр хъыгдæрд ӕрцыд. Хæдзары сæр ныппырх. Ныр боныхъæды ивддзинæдтæ бинонты тас бауадзынц. Æххуысмæ Иринæ бахатыд Беслæны администрацимæ.
Людмила Стрейченко æххуысмæ не ‘нхъæлмæ каст. Йæ фатер доны бын фæцис. Сылгоймаджы йæхи бахъуыд арæзтадон æрмæджытæ ӕлхæнын. Хæрдзтæм бафтыд амайджыты куыст дæр. Уый дæр бинонтæн аслам нæ сыстад.
Тæрккъæвда æвирхъау цаумæ фæцæй сайдта. Лифты электрон уарты сæрмæ царӕй тæдзын райдыдта. Телтæм дон хӕццӕ кодта æмæ фæздæг кæнын райдыдтой. Цæрджытæ сæрæндзинад равдыстой. Уайтагъд электрон тых ахуыссын кодтой. Фæлæ та ууыл зындзинæдтæ нæ фесты. Æнæ лифтæй ацæргæ адæмæн зын у уæллаг уæладзгуытæм хизын. Цæрджыты лифт цалцæг кæнын хи хъарутæй бахъуыд.
Рахизфарсы районы æвзæр боныхъæды аххосæй хъыгдæрд баййæфтой 30 бирæуæладзыгон æмæ 450 хи хæдзары. Администраци æххуысцух бинонты фарсмæ æрбалæууыд. Фыццаг фондз боны байуæрстой 4500 шиферы.
Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ аиуварс кæныны куыстытæ фæнд кæнынц хæстæгдæр рæстæг фæуын.
















