Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта регионты ‘хсæн фыццаг медиафорум «PRO Кавказ». Ахæм егъау форум республикæйы арæзт цæуы фыццаг хатт. Йæ архайджытæ — Цæгат Кавказы федералон зылды æппæт регионты æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Æдæппæтæй 300-йæ фылдæр. Иу фæзуатыл æрæмбырд сты зындгонд медиаэксперттæ, политологтæ, журналисттæ. Сæйраг нысан — медиакъабазы райрæзт нырыккон геополитикон уавæрты. Форумы кусынц нæ уацхæсджытæ дæр. Байхъусæм сæм.
Регионты ‘хсæн æмгуыстадæй райдай æмæ геополитикон æмвæзады фарстатæй фæу. Регионалон дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæн ис иумæйаг райхалинаг фарстатæ. Бæстонæй сыл æрдзурынæн дæр иумæйаг бынат. Уæвгæ, журналисттæ сыл ныхас кæнын райдыдтой нырма форумы райдайæны агъоммæ. Делегацитæ схæццæ сты сæ фæлтæрддзинад, зонындзинæдтæ æмæ сæ райгуырæн бæстæйы хаимæ. Форумы рӕстӕг фенæн уыдзæн, цы республикæтæ дзы архайынц, уыдоны мыхуыры рауагъдадимæ стендтæ. Йæ ныхмæ та дискусситæн сæрмагонд бынат. Ахæм фæзтæ сты бирæ.
Форум байгом арфæйы ныхæстæ æмæ, архайджытæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый радзурынæй. Раарфæ сын кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Федералон спикертæ, журналисттæ, блогертæ æмæ эксперттæ ныхас кæнынц нырыккон журналистикæйы тæккæ ахсджиагдæр фарстатыл. Абон куыд ивы медиа тыгъдад. Нысангонд санкциты аудиторийы ‘ргом раздахæн куыд ис. Сæ домæнтæ куыд аивтой.
Æртæсæдæ журналистæй фылдæр ацыдысты «PRO Кавказ»-мæ аккредитаци. Зæгъын хъæуы, се ‘мбисмæ æввахс кæй сты нæ бæстæйы алыхуызон регионтæй. Уазджыты хыгъды нæ бæстæйы раззагдæр медиа эксперттæ. Йæ гæнæнтæм гæсгæ, регионы ахæм форум ис фыццаг хатт. Интернеты дуджы, фыццаджыдæр, мадзаларзджытæ сфæнд кодтой мыхуыры фæрæзты фарстатыл æрдзурын.
Лекцитæ æмæ дæсныйадæвдисæн ахуыратæ абон цæудзысты суанг изæрмæ. Архайджытæм кæсы зындгонд амонæг Евгений Попов æмæ Дмитрий Щугорев, портал «Russia Beyond»-ы сæйраг редактор Всеволод Пуль æмæ Уæрæсейы журналистты цæдисы секретарь Юлия Загитовайы дæсныйадæвдисан ахуыртæ.
















