Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн сихоры хæрд скъолаты цæттæ кæндзысты лæвар. Цæгат Ирыстоны лæвар тæвд хæрианг дæтдзысты 40 мин скъоладзауæй фылдæрæн.
Скъоладзаутæн аходæн хæрын кæныны тыххæй хъæппæрис разынд Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ. Фæбæрæг æй кодта Федералон Æмбырдмæ æрвылазон ныстуаны. Паддзахадон Думæмæ ацы хъæппæрис бахастой 1-æм февралы. Уый хыгъд ма бахæс кодтой комбинатты куысты хæрзхъæддзинадмæ фылдæр æргом раздахын. Цалдæр регионы программæ æххæст кæнын райдайдзысты ацы аз 1-æм сентябры. Уыдоны `хсæн нæ республикæ дæр. Ахуырдзаутæн лæварæй тæвд хæринаг хæрын кæныны тыххæй закъон сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн рахай кодтой 161 милуан сомы субсиди, регионалон бюджетæй та хардзгонд æрцæудзæн 12 милуаны.
Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды федералон службæйы кусæг къорд ныртæккæ архайы сæрмагонд меню саразыныл. Скъолаты аходæн кæныны хъуыддагæн дзуапп дæтдзæн профилон министрад. Хойраджы хæрзхъæддзинадмæ здæхт цæудзæн уæлдай æргом. Горæты æмæ хъæуты скъолаты сывæллæттæ хъуамæ хæрой пайда æмæ хæрзад хæринаг.















