Абон Мæздæджы районы райдыдта квест «Райсомы гимнастикæ». Алыбон дæр, райсомæй, бынæттон цæрджытæн фадат уыдзæн гимнатикæйæ архайынæн. Тренертæ æрхъуыды кодтой сæрмагонд фæлтæрæнты фæтк. Пайда хæсдзæн карджын адæмæн дæр. Уæлдай цæттæдзинад сæ нæ хъæуы, æрмæстдæр дзæбæх æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг. «Райсомы гимнастикæ» саразыны хъуыды фæзынд Парламенты депутат парти «Угонд Уæрæсе»-йæ Быценты Станиславмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм ирхæфсæн мадзæлттæ хъуамæ алы хатт дæр арæзт цæуой. Ныртæккæ уал алыбон дæр, райсомы 6 сахат æмæ рдæгæй – 7 сахатмæ Уæлахизы парчы вæййынц.
Наталья Никуличева тренер-инструктор: «Сыгъдæг уæлдæф, рæсугъд æрдз, уымæй хуыздæр ма цы ис зарядкæ скæнынæн. Туаггуырæй адæймаг бафсæды, мæгъзтæ дæр хуыздæр кусын райдайынц. Адæймаг сыгъдæг уæлдæфæй æнæ уый стæм хатт баулæфы. Уымæ гæсгæ ахæм мадзæлттæ пайдайаг уыдзысты».
















