Разамынддæттæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмхæларады куыстыл æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы. Æмбырд амыдта горæты сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы ис 45 разамонæг компанийы æмæ 135 хæдзæртты хицæутты æмхæларады. Бирæтӕн сӕ архайдмæ сæвзæры фарстатæ. Æмæ уый аххосæй фæзуæтты фылдӕр хай нывыл зылд не сты. Милдзыхты Вячеслав компаниты разамонджытæм фæсидт, цæмæй сæ архайд фæрæвдздæр кæной. Ныхас ма цыд Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады архайды автоматизацийыл дæр.
Бӕлвырддӕр та — коммуналон лæггæдтæ æххæстгæнæг компаниты, муниципалон разамынды оргæнты, стæй бæстыхæйтты хицæутты архайд информацион системæйы æххуысæй æххæст кæнын. Профилон министрады разамонæг Тамайты Майрæн куыд загъта, афтæмæй компанитæн сæ фылдæр сæрмагонд системæйы нысангонд сты, фæлæ дзы нæ пайда кæнынц. Нæ дзы нысан кæнынц раст информаци, сӕрмагондӕй та — хæдзæртты цæрджыты фиддонтæ.
















