preloader
сейчас в эфире
04:50
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:20
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
close

Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд

25.01.2022 13:28

Уæдмæ та уал шофыртæ æнхъæлмæ кæсдзысты, боныхъæд кæд фæхуыздæр уыдзæн, æмæ сæ бон арæны сæрты ахизын кæд бауыдзæн.

Боныхъæды аххосæй æхгæд æрцыдис Арвкомы фæндаг. Рады æнхъæлмæ кæсынц уæзласæн хæдтулгæтæ. Уавæры тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.


Арвыкомы фæндагыл уæзласæн хæдтулгæты цыд æрурæдтой райсомы 9 сахаты æмæ 40минутыл. Цыбыр рæстæгмæ дзы сæмбырд сæдæ машинæйы бæрц. Рад адаргъ 5 км онг. Иуылдæр æнхъæлмæ кæсынц. Фируз Вурезашвили йæ балц кæны Гуырдзыстонмæ. У фæлтæрдджын шофыр. 15 азæй фылдæр хойрæгтæ ласы алы бынæттæм. Рады ныр лæууы æртæ боны. Катайы бацыд. Йæ товарæн фесæфынæй тæрсы. Фыццаг къуылымпыдзинæдтæ баййæфта гæххæттыты тыххæй. Ныр та сæ размæ нæ уадзы боныхъæд.

Уæвгæ рæстæг куыд цæуы, афтæ бирæ кæнынц хæдтулгæтæ дæр. Цæмæй шофыртæ бынтон сæ уавæрæй ма стыхсой, уый тыххæй сын арæнмæ хæстæг аразынц æнцонвадат уавæртæ.

Хæстæгдæр рæстæг ам скусдзæн хъармгæнæн пункт. Уыдзæн дзы хи схъарм кæнӕн, хæрздæф цыминаг бануазӕн, телефон сифтындзӕн. Ам хæстæг ма уыдзæн æппæт æмбæлгæ инфраструктурæ дæр: хæрæндæттæ, фысымуæттæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хæстæгдæр рæстæг боныхъæд хорзырдæм нæ раивдзæн. Цæгат Ирыстоны уардзæн мит, батдзæн мигъ, фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг.

Уæдмæ та уал шофыртæ æнхъæлмæ кæсдзысты, боныхъæд кæд фæхуыздæр уыдзæн, æмæ сæ бон арæны сæрты ахизын кæд бауыдзæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Все рекомендуемое