Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады уынаффæмæ гæсгæ реанимацион хайады рынчынтæм уадзын райдадзысты сæ бинонты. Раздæр сын ахæм фадат нæ уыд. Профилон министрады ног фæткы тыххæй бацæттæ кодта хъæугæ гæххæтытæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ног закъон майы бафыста нæ бæстæйы президент Владимир Путин. Уæззау рынчыны бабæрæг кæныны размæ, хиуон хъуамæ реанимацион хайады разамонæгæй æмбæлгæ гæххæт ракура. Уымæй уæлдай ма хъуамæ дохтыр уыцы адæймагæн æнæмæнгæй радзура ног фæткы тыххæй. Бæстыхаймæ бахизы бар нæй 12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ рынчынæн æппæты зын вæййынц фыццаг 2 æхсæвы реанимацион хайады. Уыцы рæстæг æм никæй уаддзысты.















