Сергей Меняйло раарфæ кодта Регионæн разамындæттæг центры кусджытæн. Центр куы байгом, уæдæй рацыд дыууæ азы.
Республикæйы сæргълæууæг сын радта бузныджы фыстæджытæ. Фæнысан кодта, ведомствойы кусджыты æнтыстджын æмæ пайдаджын архайд æмæ загъта фидæнмæ нысæнтты тыххæй. Регионæн разамынддæттæг центр дзуапп дæтты цæрджытæ æмæ паддзахадон оргæнты ‘хсæн бастдзинадæн. Дыууæ азы дæргъы бакуыстой 25 курдиатæй фылдæрыл.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Регионæн разамынддæттæг центры руаджы, æхсæнад цæмæй тыхсы, уый тагъддæр рабæрæг вæййы, æмæ фарстайыл æвæстиатæй бакусынц.
















