Хи къухтæй саразын æмæ сæ пайда кæнын. Цæгат Ирыстоны минмæ ‘ввахс скъоладзауы ацæудзысты ахуыртæ æнæпилотон системæтимæ архайынæй. Уыцы хъуыддагæн æппæт хъæугæ кусæнгæргтæ æлхæд æрцыдысты. Проекты архайынц республикæйы 18 скъолайы. Цæттæдзинады центр та уыдзæн Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы. Ахуыртæ райдайдзысты сентябры. Ныры дуджы парахатддæр архайды тыххæй бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы.
Æрыдоны 1-æм скъолайы сæ ног кусæнгæрзтæ гом дæр нæма бакодтой. Къоппыты æппæт хъæугæ дзауматæ æнæпилотон тæхæн аппараттимæ архайынмæ. Ацы робототехникон хæйттæй ахуырты рæстæг сывæллæттæ æрæмбырд кæндзысты квадракоптер.
Виртуалон кæсæнцæстыты ‘руаджы дзы ис архайæн. Иу ахæм ахуырадон конструкторты аргъ у 200 мин сомы. Скъоладзаутæ архайдзысты микроквадракоптертæй дæр. Уыимæ ма сын ис сæрмагонд гарз дæр, хæйттæ кæрæдзиуыл æндадзынæн, æндæр хъæугæ дзауматæ аразынæн. Сæ архайды сын уыдзысты пайда.
Ацы бонты ма кусæнгæрзты нымæц ноджы фæфылдæр уыдзæн – фæзындзæн дзы ноутбуктæ æмæ мебель. Ацы ахуыртæн суæгъд кодтой сæрмагондæй 2 кабинеты. Квадракоптертæй та пайда кæндзысты спортивон залы. Æрыдоны 1-æм скъола банымадтой хуыздæр фæзуатыл “Æнæпилотон авиацион системæтæ” проект æххæст кæнынæн.
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы дæр ис ахæм кусæнгæрзтæ – проекты се ‘ппæт архайджытæн дæр сты æмхуызон. Педагог Дмитрий Пицхелаури ныридæгæн ацыд ахуыртæ Цæцæны республикæйы. Куыд зæгъы, афтæмæй стыр æргом здахдзысты æдасдзинады фарстатæм.
Æнæпилотон авиацион системæты кълæстæ байгом кæндзысты республикæйы 18 скъолайы. Ацы хъуыддаг саразын бантыст гранты æххуысæй. Йæ аргъ – 300 милуан сомы. Ахуыртæ ацæудзысты 1000 сабийы бæрц.