Республикæйы амалхъомдзинады фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Битарты Вячеслав. Фембæлд ацыд «Иугонд арæзтадон компани 21-æм æнус»-ы бындурыл.
Фыццаджыдæр, республикæйы сæргълæууæг федта куыстуат. Ныртæккæ дзы цæуынц арæзтадон куыстытæ. Цыбыр рæстæгмæ скусдзæн. Уыимæ ма æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны арæзтады хъуыддæгтыл.
Фæнысан ма кодтой къабазы инвестицион проектты райрæзты хицæндзинæдтæ. Рæспубликæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй амалхъом адæмæн аразын хъæуы æппæт уавæртæ дæр.
















