2025-æм азмæ бæстæйы экстремизмы ныхмæ мадзæлттыл æрдзырдтой республикæйы барадон фæтк бахъахъхъæныны фæдыл арæзт координацион æмбырды. Дзуапдæттæг министр Багиты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ацы къабазы æппæт мадзæлттæ ивгъуыд аз æххæст æрцыдысты. Се ‘хсæн Интернеты тыгъдады æнӕрлӕугӕ мониторинг, профилактикон лекцитæ æмæ скъоладзауты ‘хсæн ныхас. Æргом здæхт цæуы фæсарæнты дины фæдыл ахуырад чи исы, уыдонмæ дæр.
Æмбырды фарстатæй ма иу сæрдыгон кампанийы рæстæг сывæллæтты дзæбæхгæнæн бынæтты æдасдзинад. Ацы аз санаториты сæ рæстæг арвитдзысты 36 мин сывæллоны. Фыццаджыдæр, фæлладуадзæн мадзæлтты архайдзысты, зын уавæрты чи хъомыл кæны, уыцы фæсивæд æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цот. Сергей Меняйло бабар кодта сывæллæтты уагдæтты æдасдзинадмæ уæлдай æргом раздахын, уыимæ ма æппæт дзуапдæттæг организацитæ хъуамæ афоныл байгом уой.
Æмбырды ма ныхас цыд уæззау фыдракæндтæ ма руадзын, ахст адæмæн æхсæнады фæфидар кæнын баххуыс кæнын. Дзуапдæттæг управленийы хицау Сергей Ролдугины ныхæстæм гæсгæ, сæрмагондæй кусы суæгъд кæнынмæ цæттæ кæнæн скъола. Ахст адæмæн дзы амонынц хи æмæ æхсæнады хи дарыны æгъдæуттæ. Скъолайы кусы стыр фæлтæрддзинадимæ специалисттæ.
















